Дзæуджыхъæуы полигоны рекультивацийы фыццаг къæпхæн æнтыстджынæй кæронмæ баххæст кæнын хъæуы. Куыстытæ цæуынц бæлвырд пъланмæ гæсгæ.
Уый тыххæй фехъусын кодтой Тускъаты Таймуразæн сæрмагонд æмбырды рæстæг. Хъæбæр хауæццæгты полигоны рекультиваци райдыдта уалдзæджы. Раздæры азты, хъæбæр коммуналон хауæццæгтæ ныгæнгæйæ, æвзæрстой се стырдæртæ æмæ сæ хицæн кодтой.
Тускъаты Таймураз бабар кодта, зæххы бын цы дæттæ цæуынц, уыдоны сыгъдæгдзинадмæ кæсын. Бынаты æххæст кæнынц, биотермион дзыхъхъытæ кæй хонынц, уыдоны иуварсгæнæн мадзæлттæ.
Уымæй уæлдай ма полигоны авналæнтæ фæуæрæхдæр кæнынæн 7 сентябры арæзт уыдзæн сæрмагонд æмбырд. Куыстыты хæрзхъæддзинадмæ премьер бабар кодта уæлдай æргом аздахын.
















