Æдзард сывæллæтты къамы раз мыдадзын цырагъ ссудзын, спортивон залы астæу цырты цур дидинджытæ æрæвæрын. Æмæ, æнæмæнг, дон æрбахæссын. Æнустæм Беслæны скъолайы чи баззад, уыдонæн ма нæ бон æндæр цы у? Нæ хæс у нырыккон историйы æппæты æгъатырдæр цау ма ферох кæнын. Беслæны дарддæр цæуы «Мысæн вахтæ». Райсомæй нырмæ скъолайы спортивон залмæ цæуынц ахуырдзаутæ, студенттæ, республикæйы уазджытæ æмæ, сæ зæрдæйы рыст кæмæн нæ мынæг кæны, уыцы адæм. Бæлвырддæр радзурдзæн Уазиты Зæлинæ.
Райсомæй изæрмæ Беслæны скъоламæ адæм бирæгæйттæй цæуынц. Дидинджытæ хæссынц, судзынц мыдадзын цырæгътæ. Лæууынц æдзæмæй. Ирыстоны адæм 17 азы размæ цы зындзинад бавзæрстой, уый сæ рох нæу.
Районты æмæ горæты скъолаты минæвæрттæ, студенттæ. Æрвылаз сывæллæттæ ардæм æрбацæуынц, чи бацарæфтыд, уыдоны æрымысынмæ.
Æрбацæуæг адæмы ’хсæн бирæтæ сты, нæ республикæмæ уазæгуаты чи æрцыд, ахæмтæ. Республикæйы ведомствоты минæвæрттæ, барадхъахъхъæнджытæ. «Алани»-йы футболисттæ. Адæмы цæстытыл уайынц теракты судзаггаг цаутæ. Бирæтæн сæ цæстысыг æнæрлæугæйæ згъæлы. Абонма скъолайы уыдысты Воронежы паддзахадон университеты студенттæ. Фæсивæд Беслæны цауты тыххæй исынц киноныв.
Къулыл ауыгъд сæрмагонд дæлхайæдты службæгæнджыты къамтæ. Уыдон сæ цард раттой скъоладзауты ирвæзынгæнгæйæ. 10 офицеры. Сæ ном сын æрхъуыды кодтой уыцы зындонæй чи раирвæзт, уыдон.
Беслæны зындзинад айхъуыст æгас дунейыл. Цæгат Ирыстоны чысыл горæты ном зæххы цъарыл чи нал базыдта, ахæм нæ разындзæн. Æвирхъау теракты амæттæгты нæмттæ баззадысты мысынæн. Беслæны цауты 2004 азы фæмард 344 адæймаджы. Уыдонæй 186 уыдысты сывæллæттæ. Ацы бонæн ферохгæнæн нæй.
















