Дзæуджыхъæуы Хæлардзинады хæдзары уыд фембæлд. Бабастой йæ Фыдыбстæйы Стыр Хæсты райдианы бонимæ. Мадзалы архайдтой ветеранты Советы минæвæрттæ, Хæлардзинады хæдзары уæнгтæ, Дзæуджыхъæуы администрацийы кусджытæ, æхсæнадон архайджытæ.
Мысæн мадзал райдыдтой минут æдзæмæй алæугæйæ. Æрныхас кодтой ветерантæн социалон æххуысы мадзæлттыл. Ныхас ма цыд фæсивæды партиотон хъомыладыл дæр. Тымбыл стъолы уæлхъус фембæлд арæзт æрцыд Национ политикæ æмæ æддагон бастдзинæдты министрады хъæппæрисæй.
















