Нацпроект «Туризм и индустрия гостеприимства», зæгъгæ, национ проект, туристон кластертæ саразыны фæдыл сæрмагонд пъланты райрæзт. Ацы æмæ туризмы къабазы ахсджиаг фарстатыл ныхас цыд сæрмагонд æмбырды. Амыдта йæ премьер Дзанайты Барис. Дзуапдæттæг комитетæн бабар кодта хæстæгдæр рæстæг «фæндагон картæ» саразын. Уыимæ ма дзы фæнысан кæнын мастер-пъланыты арæзтады алы къæпхæн дæр.
Республикæйы туристон сезон йæ тæмæны бацыд. Бæлццæттæ арæхдæр æвзарынц – экологон, активон, культурон-зонадон æмæ æнæниздзинад фæхуыздæр кæныны туризмы хуызтæ. Уымæй уæлдай ма, специалисттæ бакуыстой 23 экскурсион маршрутыл дæр.
















