Дзæуджыхъæуы инæлар Хетæгкаты Георгийы номыл уынджы дондзæуæн хæтæлтæн сæ фылдæр хай баивтой. Раздæры хæтæлтæ æмбæлгæ домæнтæн дзуапп нал лæвæрдтой.
Хъуыддаг бантыст Дзæуджыхъæуы администрацийы цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады комитеты фæрцы. Доны ног хæтæлты дæргъ у 650 метры. Куыстытæ дзы цыдысты иу мæйæ фылдæр. Ныр 70 хæдзарæй фылдæрмæ кæлдзæн сыгъдæг дон, уыимæ æнæ къуылымпытæй. Куыстытыл æдæпæтæй бахардз кодтой 4 милуан соммæ ввахс.
















