Дзæуджыхъæуы иувæрсты цы фæндаг арæзт цæуы, уым Ногиры цур байгом кæндзысты транзитон хæдтулгæтæн сæрмагонд æрлæууæн бынат. Уæрæсейы паддзахадон арæныл цы зын уавæр ис, уый æнæ регионы разамынды архайдæй аиуварс кæнын не ’нтысы.
Респбубликæйы фæндæгтыл хæдтулгæты нымæц зынгæ фæфылдæр, уымæ гæсгæ уавæр у бакусинаг. Уый тыххæй йæ телеграм-каналы фехъусын кодта Сергей Меняйло. Сæрмагонд фæтк æххæст кæнынæн бахъæудзæн Мидхъуыддæгты министрады, стæй Уæрæсейы гвардийы æххуыс, —загъта регионы разамонæг.
















