Гаглойты Георгийы номыл мемориалон фæйнæг байгом кодтой Дзæуджыхъæуы. Уыд республикæйы уæлдæр Советы Президиумы фыццаг сæрдар. Райгуырд 1900-æм азы Хуссар Ирыстоны.1920-æм азы, гуырдзиаг меньшевикты ныббырсты фæстæ, ралыгъд Цæгат Ирыстонмæ. Ам фыццаг фыдæбон кæнын райдыдта «Электроцинк»-ы, хуымæтæг кусæгæй. Гаглойты Георгий Фыдыбæстæйы Стыр хæсты фæстæ йæ фатермæ цæрынмæ бауагъты сидзæр сывæллæтты. Уыд Советон Цæдисы Маршал Семён Будёный æмæ Советон Цæдисы уæлдæр Советы Президиумы уæды сæрдар Михаил Калининины хæлар. Уымæй уæлдай, уыд Гаглойты мыггаджы иугæнæг.
Мемориалон фæйнæг байгом кæныны хъæппæрис разынд Гаглойты Георгийы фырты фырты фырт Гаглойты Азæмæтмæ. Ныффидар æй кодтой, 15 азы цы бирæфатерон хæдзары фæцард, уый къулыл. Мадзалмæ æрбацыдысты Дзæуджыхъæуы администрацийы, Цæгат Ирыстоны Уæлдæр Тæрхондоны минæвæрттæ, Ветеранты цæдисы минæвæрттæ æмæ Гаглойты Георгийы хæстæджытæ. Кæронбæттæны, мемориалон фæйнæджы цур сæвæрдтой дидинджытæ. Гаглойты Азæмæт куыд фæнысан кодта, афтæмæй Гаглойты Георгийы номæй фæнд кæнынц горæты ног уынгтæй иу схонын дæр.
















