Дзæуджыхъæуы кадджын уавæры байгом паддзахадон базарадон хызæджы киоск «Ног бон». Ссарæн дзы ис 30 федералон рауагъдады газеттæ æмæ журналтæ, стæй республикон æмæ муниципалон прессæ.
Уымæй уæлдай дзы балхæнæн ис Ирыстоны уагъд чингуытæ дæр. Фидæны ахæм киоскты нымæц хъуамæ суа 200-йæ фылдæр. Ацы аз ма байгом кæндзысты фондз. Уыдонæй цыппар — Кировы, Мæздæджы, Дыгуры æмæ Рахизфарсы районты. Æргътæ ам сты зынгæ къаддæр, уымæн æмæ прессæ хӕццӕ кӕны комкоммӕ рауагъдадӕй ӕлхӕнӕгмӕ. Асламдæрæй дзы уыдзæн газет рафыссæн дæр.
Проект æххæст кæны Мыхуыр æмæ дзыллон-информацион фæрæзты комитет, сæрмагонд паддзахадон программæйы фæлгæты. Разамынд ын дæтты рауагъдад «Ир».
















