Къӕпхӕнтыл схизын, дуар байгом кӕнын ӕмӕ ӕвзарӕн участокмӕ бахизын — зæгъæн ис, æмæ дзы зынæй ницы ис, фæлæ хъыгдард æнæниздзинадимæ адæмæн, уыцы хуымæтæг архайдимæ арæх сæвзæры къуылымпыдзинæдтæ.
Реуазты Батрадз ӕвзӕрстытӕ нӕ цух кæны. Дзуры ныртӕккӕ участоктӕн сӕ фылдӕр æххæстæй ифтонг сты — пандустӕй, уӕрӕх дуӕрттӕй, фӕлӕ цалдӕр азы размӕ дӕр ма ахӕм уавæртæ нæ уыд — хъӕлӕс кӕнын хъуыд хӕдзары.
Абон республикӕйы пунктты 90 процентæй фылдæр ифтонггонд сты. Ацы, ахуырадон центр ис “Ног горӕт”-ы, ӕвзӕрстытӕ дзы ацæудзысты фыццаг хатт. Бынаты пандустӕ æвæрд сты сӕрмагонд тигъӕй, хӕцӕнтӕ дæр раст бӕрзӕндыл – фарастсӕдӕ миллиметрӕй уӕлдӕр не сты. Къамис уавӕртӕн стыр аргъ скодта.
Фарстатæ нæ сæвзæрд Водоканалы хайады участокмӕ дӕр. Ам дæр ис пандус – бӕрзӕнд чысыл дзуапп нæ дæтты, фæлæ дзы хӕцӕнтӕ æвæрын нæ бахъæудзæн. Бахизын рауад тагъд, ӕвзарӕн къамисы бæстыхайæ разыйӕ баззадысты.
Æвзӕрстыты размӕ специалисттӕ сбӕрӕг кодтой 309 участочы иууылдӕр, фиппайнæгтæ дзы бирæ нæ разыд — ныридӕгӕн сӕ аиуварс кӕнынц. Ӕвзарӕн къамисы загътой — хъыгдард æнæниздзинадимæ адæмæн ахсджиаг у уавæртæ саразын хӕрзвадат хъӕлӕс кӕнынӕн. Уыдон республикӕйы сты – 65 мины.
Фӕлӕ участочы схъæлæс кæнын къухы куы нæ бафта, уæд æвзарæн къамисы кусæгмæ Паддзахадон лӕггӕдты уылты хӕдзармӕ дӕр фӕдзурӕн ис.
Санаты Давид, Дзукъаты Маринæ
















