Дзæуджыхъæуы скъолаты цæттæдзинад сбæрæг кодтой Æхсæнадон советы минæвæрттæ. Активисттæ се ‘ргом аздæхтой 16 ахуырадон кусæндонмæ.
Райдыдтой 5-æм гимназæй. Карл Марксы уынджы бæстыхайы æрбынат кодтой райдиан кълæстæ. Специалисттæ дзы куыстытæ кæронмæ фæхæццæ кæнынц. Аргъ скодтой хойраджы блокæн.
Æхсæнадон советы сæрдар Михаил Шаталов фæнысан кодта, сывæллæттæ кæм хæрынц, уыцы бынатмæ хъуамæ фау æрхæссæн ма уа. Бындурон цалцæг фæвæййы 18-æм скъолайы дæр. Дыууæ объекты дæр фылдæр пайда кæнынц бæстæйы уагъд æрмæджытæй.
Куыстытæ куыд цæуынц уымæ та кæсынц техникон цæстдарды специалисттæ. Фыццæгæм сентябрьмæ скъолатæ хъуамæ æххæстæй цæттæ уой. Подрядчиктæ уымæй зæрдæ бавæрдтой. Хæстæгдæр рæстæг райдайдзысты æфснайын. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, бындурон цалцæг цæуы “Ахуырады райрæзт”-ы федералон программæмæ гæсгæ. Æххæст æй кæндзысты дыууæ азы.
















