Абон нæ бæстæ бæрæг кæны Паддзахадон тырысайы бон. Урс нысан кæны сыгъдæгдзинад, сабырдзинад æмæ уæздандзинад. Æрвхуыз – уырнондзинад, иузæрдиондзинад æмæ рæстдзинад.
Сырх та – уæндондзинад, тых æмæ хъæбатырдзинад. Уыдон сты нæ бæстæйы алыхуызон адæмы хæттыты цы иу кæны, уыцы сæйраг цæджындзтæ. Æмæ сты нæ бæстæйы сæйраг символтæй иуыл нывæст. Нæ республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйло арфæ ракодта Цæгат Ирыстоны цæрджытæн бæрæгбоны фæдыл. Йæ зæрдæ сын загъта сабырдзинад, фидар æнæниздзинад, бирæ æнтыстдзинæдтæ, бæркад æмæ тыхтæ Уæрæсейы рæсугъд фидæныл бакусынмæ.
















