Дзæуджыхъæуы пъæлицæйæгтæ æрцахстой, хæдтулгæ чи адавта, уыцы нæлгоймаджы. Пъæлицæйы хайадмæ æххуысагур æрбацыд Дзæуджыхъæуы цæрæг. Куыд радзырдта, афтæмæй йын йæ хæдтулгæ адавтой йæ хæдзары дуарæй.
Пъæлицæйæгтæ цырд фæлæууыдысты, сарæзтой сæрмагонд басгæрст. Цыбыр рæстæгмæ машинæ ссардтой. Знаггадгæнджытæ хæдтулгæ фæнд кодтой ауæй кæнын æмæ афтæмæй æхца бакусын. Барадхъахъхъæнджытæ «уæйгæнджыты» фæд-фæд ацыдысты æмæ сæ рацахстой Алагиры районы. Ныр дыууæ бынæттон адæймаджы азымджын кæнынц «Давд»-ы цауыл. Æрыгон закъонхалджытæ хæдтулгæйæн раппæрстой йæ цæлхытæ, магнитофон æмæ йæ аудиосистемæ. Оперативон-сгарæн куыстæй радхæссæг пъæлицæйæгтæ фæбузныг хæдтулгæйы хицау, афойнадыл ын йæ исбон кæй ссардтой, уымæй. Закъонхæлды фæдыл та байгом кодтой уголовон хъуыддаг Уæрæсейы уголовон кодексы 158-æм статьямæ гæсгæ.
















