Дзæуджыхъæуы пъæлицæйæгтæ æвæстиатæй рабæрæг кодтой уынджы знаггад чи сарæзта, ахæм нæлгоймаджы. 39-аздзыд давæг бавдæлыд æмæ сылгоймаджы хъуырæй æртыдта сыгъзæрин рæхыс æмæ велосипедыл алыгъд. Пъæлицæйы кусджытæ цырд фæлæууыдысты. Сгарæн-агурæн мадзæлтты фæрцы ссардтой фыдгæнæджы. Уый разынд бынæттон цæрæг. Фæстæдæр уый пъæлицæйы хайады йæ аххосыл басаст. Басгæрстыты рæстæг давд дзаума дæр ссардтой. Уголовон хъуыддаджы фæдыл нæлгоймаг, гæнæн ис, æмæ ахæстоны смидæг уа 4 азмæ. Уголовон хъуыддаг пъæлицæйæгтæ байгом кодтой 161-æм статьямæ гæсгæ.
«Хъæр кæнын райдыдтой, «баххуыс нын кæнут, баххуыс нын кæнут». Уæд сылгоймаг ратахт хæдзарæй æмæ загъта, закъонхалæг велосипедыл кæй абадт æмæ алыгъд. Фæнды нæ арфæ ракæнын пъæлицæйы кусджытæн, кæй бакуыстой æвæстиатæй æмæ зæрдæргъæвдæй. Сæ куыст уыд профессионалон».
















