Дзæуджыхъæуы полигоны бырон йæхимидæг судзы. Зынгсирвæзты тыххæй хъусынгæнинаг райстой дысон 10 сахатмæ хæстæг. Рагагъоммæ бæрæгæнтæм гæсгæ, фыдбылыз æрцыд тæвд боныхъæды аххосæй.
Куыстуат Эрайы куыд радзырдтой, афтæмæй уавæрмæ цæст дарынц специалисттæ. Бынаты кусынц æнæнхъæлæджы уавæрты министрады 18 кусæджы æмæ техникæйы æртæ иуæджы. Горæты администрацийы донпырхгæнæн цыппар машинæйы, 3 бульдозеры сæрмагонд техникæйæн бацæуæнтæ сыгъдæг кæнынц. Фынкӕй ӕрӕхкӕндзысты сыгъды бынат, цӕмӕй зынг дарддӕр ма парахат кӕна.
Республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйло бадомдта хæстæгдæр рæстæг бырондоны зынгсирвæзты фæстиуджытæ аиуварс кæнын.
















