Офицерты хæдзары кадджын уавæры байгом æппæтуæрæсеон чемпионат спортивон цæттæдзинадæй æфсæддонты ‘хсæн. Æдæппæтæй спартакиадæйы кæронбæттæн къæпхæны архайынц 21 командæйы. Тыхджындæры ном райсыныл ерыс кодтой алы регионтæй æфсæддонтæ – Краснодары æмæ Стъараполы крайтæй, Донецкы æмæ Луганскы республикæтæй.
Ерыстæ цæуынц Сапицкийы фæлладуадзæн бынаты. Спортсменты хъæуы ацæуын цымыдисаг уаццагтыл. Электронон системæйы руаджы та сын бæлвырд кæндзысты тагъдады æмæ рæдыдтыты бæрæггæнæнтæ. Мадзаларазджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй ахæм хуызы архайынц æфсæддонты тактикон хъуыдыкæнынады райрæзтыл, раст уынаффæтæ цыбыр рæстæгмæ рахæссыныл, уыимæ ма фидардæр кæны адæймаджы миддуне.
















