4-æм поликлиникæйы райсом райдыдта цымыдисаг конкурстæй. Фидæны ныййарджытæ куклаты рæстæгмæ гæсгæ тыхтой æмæ æндæр хъæзтыты сæхи ирхæфстой. Сылгоймæгтæн балæвар кодтой циндзинад, æхсызгон æнкъарæнтæ. Программæ рауад хъæздыг – равдыстытæ, фынгтæ æмæ лæвæрттæ. Уый фæстæ та экспертты æмæ, æнæмæнг дохтырты разныхас. Уыдон æхсæвæй-бонæй сæ фарсмæ сты, алкæддæр сын баххуыс кæнынц. Чызджытæн радтой хъæугæ амынддзинæдтæ. Специалистты ныхæстæм гæсгæ сын ацы бæрæгбон иумæйаг у. Хыгъды сæм лæууынц 500 сылгоймагæй фылдæр, абон сæ бабæрæг кодтой æрмæст æртынæй. Æрхъуыды сæ кодтой розæхуыз æмæ æрвхуыз цонгдарæнтæй.
Уæлдай узæлд кæй хъæуы, уыдоны фарсмæ балæууын. Дыккæгæм арæндоны патологиты хайады ныртæккæ ис 20 æнхъæлцау сылгоймаджы. Алкæмæдæр дзы хицæн æркаст. Бархионтæ сæ архайдтой бахъæлдзæг кæнын, цæмæй сын сæ уавæр фенцондæр кæной. Скодтой сын лæвæрттæ дæр – цъындатæ, æрмкъухтæ – чызгмæ чи æнхъæлмæ кæсы, уыдонæн сæ лæвæрттæ уыдысты розæхуыз, лæппутæн та æрвхуыз. Акци “Мады цин” сарæзтой Адæмон фронт æмæ Ирыстойнаг районы социалон лæггæдты комплексон центр.
Уымæй уæлдай ма арæндоны уыд экскурси дæр. Сылгоймæгтæн бакастысты лекцитæ, радтой сын амынддзинæдтæ – терапийæйы æмæ афонæй раздæр чи фæзыны, уыцы ноггуырдты тыххæй. Ахæм фембæлдтытæ саразынц сылгоймæгты клуб “Зарождение жизни”-йы хъæппæрисæй. Ныридæгæн сæ расидтысты цалдæр азы. Сæ сæйраг нысан – сылгоймæгты бацæттæ кæнын.
Æнхъæлцау сылгоймæгты бон бæрæг кæнынц афæдз дыууæ хатты – 7-æм октябры æмæ 7-æм апрелы. Уый у уæлдай узæлды, цæстдарды æмæ уарзондзинады афон. Фидæны мадæлтæн та царды сæрмагонд рæстæг. Дохтырты сæйраг нысан у æмбæлгæ уавæртæ сын саразын, цæмæй чызджыты бафæнда ногæй сывæллоны фæдыл арæндонмæ æрбаздæхын.
















