Джусойты ӕфсымӕрты мысӕн изӕры сценӕйыл азӕлыдысты сӕ уацмыстӕ. Артисттӕ Битарты Алыксандр, Лацойты Зитӕ, Уаниаты Валерий, Годжыцаты Георгий аив бакастысты Нафи ӕмӕ Таймуразы ӕмдзӕвгӕтӕ.
Уæвгæ, мысæн изæр рӕдау уыд сфӕлдыстадон лӕвæрттæй. Илаты Тимур, Бекмӕрзты Хъазыбег, Сохъуырты Эльвирӕйы фӕрцы фыццаг хатт адӕм фехъуыстой Джусойты ӕфсымӕрты уацмыстыл зарджытӕ. Музыкӕ сын ныффыста Берозты Мӕдинӕ.
Мадзалы архайдтой уазджытӕ Кавказы алы республикӕтӕй, Цӕгат ӕмӕ Хуссар Ирыстонӕй. Мысыдысты Нафийы, Таймуразы…
Нафи йæ уацмысты уыди ногхæссæг, ногдзау. Литературæйы алы къабæзтæм æвнæлдта æмæ алы къабазы дæр ныууагъта арф фæд.
Æрӕджы рухс федтой Нафийы 60 томы, йӕ хо Клавдияйы хъӕппӕрисӕй, бацæттæ кодта Таймуразы уацмысты 3 томы дæр. Наукæты доктор, профессор, академик Нафи ныффыста ирон литературæйы истори. Уый рацыд уырыссаг æмæ ирон æвзæгтыл. Уæдæ йæ кæстæр æфсымæрæн дæр бауарзын кодта ирон литературæ.
Мысæн изæр саразыны хъæппæрис разынд литературон журнал “Мах дуг” ӕмӕ Парламенты депутат Уататы Зелиммæ. Йæ режиссёр — Пагӕты Фатимӕ. Продюсер — Моргуаты Ладӕ. Изæр хъæрмуд рауад. Бæрæг уыд — се ‘ппӕты дӕр ӕрбамбырд кодта Нафи ӕмӕ Таймуразы фарн!
















