Дæсныйад уæлдæргæнæн институты кадджын уавæры схорзæх кодтой республикæйы ахуыргæнджыты. Кады гæххæттытæ райстой «За нравственный подвиг учителя» æппæтуæрæсеон конкурсы лауреаттæ æмæ кълæсты разамонджыты ‘хсæн конкурсы архайджыты.
Мадзаларазджытæ — Мæскуыйаг патриархат, уыимæ Уæрæсейы ахуырад æмæ наукæйы министрад. Архайдтой дзы дины кусджытæ æмæ Дзæуджыхъæуы администрацийы минæвæрттæ дæр.
















