«Ирон æвзаг – мæ зынджы хай, мæ арт!» Ахæм сæргондимæ литературон-музыкалон равдыст бацæттæ кодтой Дзæуджыхъæуы сывæллæтты 27-æм рæвдауæндоны. Мадзалы архайдтой хъомылгæнджытæ, ныййарджытæ æмæ сабитæ иумæ. Уазджыты бахъæлдзæг кодтой ирон аив дзырд, зарджытæ æмæ кæфтытæй.
Дунейы хæрзтæй иу — мадæлон æвзаг. Æмæ йæм иунæг боны цæстæй чи кæсы, уый йæ адæмæн знаг у. Алы ирон бинонтæ, алы ирон сывæллон дæр, æнæмæнг, хъуамæ зона ирон æвзаг. Фыдæлты æвзагыл йæ хъуыдытæ зæгъын алы адæймагæн дæр хъуамæ йæ бон уа.
Дзæуджыхъæуы сывæллæтты 27-æм рæвдауæндоны мадæлон æвзаг бахъахъхъæныныл зæрдиагæй архайынц. Уæдæ Ирон æвзаг æмæ литературæйы бонмæ дæр сæхи æнувыдæй цæттæ кодтой – хъомылгæнджытæ, сабитæ æмæ сæ ныййарджытæ иумæ.
Сабитæн радзырдтой бæрæгбоны истори дæр. 1899 азы зæрдæвæрæны мæйы 15-æм бон фыццаг хатт мыхуыры рацыд Хетæгкаты Къостайы æмдзæвгæты æмбырдгонд «Ирон фæндыр». Уымæ гæсгæ, ныр 20 азы дæргъы, 15-æм майы бæрæг кæнæм ирон æвзаг æмæ литературæйы бон.
Рæвдауæндоны ис полилингвалон къорд. Ныййарджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй йын йæ байгоммæ тынг æнхъæлмæ кастысты.
Фæлæ уæддæр, Дзобаты Лейлæйы ныхæстæм гæсгæ, æвзаг бинонты ‘хсæн гуыры. Сывæллон йæ бинонты ‘хсæн фыццаг ирон ныхас иронау куы фехъуса, фыццаг зарæг иронау куы сахуыр кæна, зæрдæйæ йæ уæд бауарздзæн, уæд ын уыдзæн мадæлон.
Дунейыл цы æвзæгтæ ис, уыдонæй бирæтæ сæфты къахыл лæуд сты, цæмæй уыдоны ‘хсæн ирон æвзаг дæр ма фæуа, уый тыххæй нæ хъæуы Къостайы рæсугъд æвзаг цæстыгагуыйау хъахъхъæнын.
Ирон æвзаг у буцӕй даринаг. Кӕсын ӕм хъӕуы цӕстуарзонӕй, узӕлын ӕмӕ йыл аудын хъӕуы. Уымæн æмæ, цард фидауы, райгуырæн зæхх æмæ мадæлон æвзаг йæхи уды бæрц чи уарзы, ахæм хорз лæгтæй.
















