Елхъанаты Светланæйы сыхагæй амонд нæ фæцис. Сæ хъуыддаг суанг тæрхондонмæ бахæццæ. Сылгоймаг куыд зжгъы, афтæмæй йæ хæдзар сабыргай хæлы. Кæны йæ йæ сыхаджы аххос. Растдæр зæгъгæйæ та цы арæзтадмæ бавнæлдта, уый. Сыхаг дæр йæхиуыл къæм абадын нæ уадзы, æз уавæрмæ ницы бар дарын, зæгъгæ. Суанг ма хæдбар экспертизæ дæр скодта. Не сфæлдыстадон къорд хъуыддаг равзарыныл бацархайдта.
Бонæй бонмæ къултæ тынгдæр афаз вæййынц. Хæдзар æртæ мæймæ ныккæлынвонгмæ æрцыд, зæгъы Елхъанаты Светланæ. Æппæт зындзинæдтæ райдыдтой бинонты дарæг Сæрмагонд æфсæддон операцимæ куы ацыд, уæд. Сæ сыхаг бавдæлд æмæ сыхаг фатер халын райдыдта. Æппæт куыстыты тыххæй Светланæ базыдта арæзтадон бырон гом рудзгуытæй мидæмæ кæлын куы райдта, уæд.
Сыхаг райхæлдта дыууæ фатеры ‘хсæн иумæйаг фидаргæнæн къул, цар æмæ хæдзары сæры иу хай. Уый фæстæ ног бындур ныккалдта. Афтæмæй Светланæйы хæдзары мидæггаг къултæ систы æддагонтæ. Ныр фæстытæ æппæты уæззаудæр хъуыддаг нал сты. Цалдæр боны размæ хæдзармæ дон кæлын райдыдта.
Светланæ фæсидт администраци æмæ прокуратурæмæ. Сыхагæн рахастой уынаффæ, цæмæй арæзтад мæйы æмгъуыдмæ баурома. Фæлæ Хуриаты Феликс куыстытæ уромгæ нæ, фæлæ ма сæ фылдæр тыхтимæ æххæст кæнынмæ бавнæлдта. Фæстдæр та бынтондæр бадомдта хæдзар ауæй кæнын.
Хуриаты Феликсы бинонтæ та фидарæй зæгъынц хæдзары уавæрмæ кæй ницы бар дарынц, уый. Куыд зæгъынц, афтæмæй къулы фæстытæ скæндæг кæй халынц, уый аххосæй нæ фæзындысты. Уымæн ис æндæр аххосаг.
Хæдзар фыццагдæр раст арæзт не ‘рцыд. Суанг ма хæдбар экспертизæ дæр ацыдысты.
Сыхæгтæн сабырæй баныхас кæнын сæ къухы нæ бафтыд. Елхъанаты Светланæ фæсидтис тæрхондонмæ. Сæвзæрд уавæр ныр кæд уым райхаликкой.
















