Ай у ахатинæ, зæгъгæ сæтæлæг. Æмæ кæд стыр у, уæддæр ницæмæй хицæн кæны йæ чысыл æмбæлттæй. Йæ бон сырæзын у 20 сантиметры онг. Дзæуджыхъæуы цæрджытæм ныр арæх фенæн ис ахæм хæдзарон цæрæгойтæ. Адæймаджы æппындæр ницæмæй тыхсын кæнынц. Фæлæ сæм куыд зилын хъæуы, уый хъуамæ зонай, зæгъы Александра Токарева. Арæх сæм раст нæ бавналынц, æмæ сæтæлæг хъыгдæрд баййафы, адæймаг æй æмбаргæ дæр нæ бакæны, афтæмæй.
Æвналæн сæм ис æрмæст сыгъдæг къухтæй. Сæ цæрæн бынатæн фаг у пластикæй контейнер. Æрмæст дзы хъуамæ уа уæлдæфæн хуынчъытæ. Стæй хъуамæ уа стыр. Йæ хуылфы та бæрзонд уымæлад æмæ, æнæмæнг, хæринаг. Ахатинæтæ алцыдæр хæрынц. Фæлæ фылдæр уарзынц дыргътæ æмæ халсартæ. Стæй сын сæ хæринагимæ дæттын хъæуы кальций, цæмæй сæтæлæджы хæрв уа хъæддых.
“Цæрæгойты дуканиты ис сæ хæринагмæ сын æфтауын кæй хъæуы, ахæм сæрмагонд пайдайаг препарат, сæрмагондæй сæтæлæгтæн. Манæн мæнæ ахæм у. У лыстæггон кальций. Ис дзы сæтæлæгæн æппæт хъæугæ æмæ пайда буаргъæдтæ”.
Ацы цæрæгойтæм Александра Токарева куы сцымыдис, уæд уал æм уыд дыууæ сæтæлæджы. Æмæ йын иу куы сбирæ сты, уæд сæ иу байуæрста адæмæн. Æрæджы та сæ райдыдта уæй кæнын Интернеты. Сæ аргъ вæййы сæ асмæ æмæ хуызмæ гæсгæ. Чысыл сæтæлæг балхæнæн ис 100 сомæй. Стыр та кæны иу мин сомы.
“Вæййы афтæ, æмæ сæтæлæг йæхæдæг урс у, йæ хæрв та тардæр, уæд адæймагмæ цымыдисагдæр фæкæсы, æмæ йæ фылдæр аргъæй ауæй кæнæн вæййы уæд, зæгъæм, иу хуыз кæмæн ис, уыцы сæтæлæгимæ абаргæйæ. Уыимæ ма ирд сатæлæгтæ зынаргъдæр сты, тардæртæ та алсламдæр, уыдон арæхдæр æмбæлынц, æмæ уымæ гæсгæ”.
Сæтæлæгтæ тынг уарзынц сæхи найын. Фæлæ сæм хъæуы æппынæдзух цæст дарын, цæмæй ма фæдæлдон уой. Ахатинæтæ адæймагæн ницы зиан æрхæсдзысты. Уымæ гæсгæ сæ æдасæй балхæнæн ис сабитæн. Уыимæ сæ бон у 10 азы онг фæцæрын дæр.
















