Дзæуджыхъæуы цæуынц ленкгæнджыты ‘хсæн ерыстæ. Архайынц сæ горæты æмæ районты спортивон скъолаты хъомылгæнинæгтæ. Æдæппæтæй 100 архайæгæй фылдæр. Абон у ерысты дыккаг бон.
Спортсментæ хъуамæ ленк кæнын æрмæст сæйраг тæрхонгæнæджы амынддзинæдты фæстæ райдайой. Кæннод сæ ерыстæй аиуварс кæндзысты. Фæсивæд размæ тырнынц. Дæ ныхмæлæуджытæй иу уысм дæр куы фæраздæр уай, уæд уый дæр уæлахизæн фаг у.
Сывæллæтты архайд у дыууæ хуызы. Ерыстæн хатдзæгтæ кæнынц æппæтадæмон домæнтæм гæсгæ. Ленкгæнджытæ сæм сæхи рагæй кæй цæттæ кодтой, уый бæрæг у. Сæ фарсмæ æппынæдзух сæ ахуыргæнджытæ дæр. Тыхджындæр ленкгæнджытæ баххæст кæндзысты Цæгат Ирыстоны фæсивæды иугонд къорд. Сæхæдæг куыд зæгъынц, афтæмæй 100 метры дистанцийы арæхстдзинад уæлдай хорз рабæрæг вæййы.
Фæлæ ерыстæн хатдзæгтæ кæнын нырма раджы у. Ныр цæуынц дыккаг бон. Разæй ленкгæнджытæм нырма цалдæр къæпхæны æнхъæлмæ кæсы. Уый фæстæ алы кары дæр уæлахиздзаутæ сбæрæг уыдзысты.
















