Ацы æмæ иннæ азы сæйраг проекттæй иу – Дзæуджыхъæуы иувæрсты цæуæг фæндаджы арæзтад. Хъуамæ фæуой куыстыты дыккаг æмæ æртыккаг къæпхæнтæ. Нырыккон трассæ уыдзæн 15 км дæргъæн. Объект бахастой «Развитие транспортной системы» паддзахадон программæмæ.
Специалистты хъуыдымæ гæсгæ фæндаг 2024 азы кæронмæ срæвдз уыдзæн. Æфсæнбетон цӕджындзтӕ æвæрд æрцыдысты. Æппæт хъæугæ хъайвантӕ дӕр ныффидар кодтой. Шофырты удæнцойæн фæзынд хæдтулгæтæн æрлæууæн бынат 650 машинæйæн. Ис дзы улæфæн бынат æмæ сывæллæттæн хъазæн фæз. Фæндаггон кусджытæ сараздзысты, цалдæр трассæйы чи бабæтдзæн, ахæм æртæ объекты. Уыдзысты дыгай къæпхæнтæй конд. Авд раны та сæ бахъæудзæн фæндæгтæ кæрæдзийы сæрты ауадзын. Дыууæйыл дзы акъæртт кæндзысты тъунелтæ.
Ног фæндæгтæ уыдзысты цырæгътæй ивтыгъд. Сæ былгæрæттыл сын сæвæрдзысты, цæстытæ кæмæ нæ тартæ кæндзысты, ахæм бырутæ. Сифтонг ма сæ кæндзысты ног фæндаггон нысæнттæ æмæ сæрмагонд фæрæзтæй. Сæ уæлцъарыл та фæзындзæн, боныхъæдæн фæразон чи уа, ахæм амонæн хæххытæ. «Учитель», «Дарьял» æмæ «Надежда» æмхæларадты фæзындзысты ацæуæнтæ тротуартимæ. Транспорты хъæр цæмæй цæрджыты ма тыхсын кæнæ, уый «Учитель»-ы сæвæрдзысты хъӕриргъӕвӕн экрантӕ. Иувæрсты фæндаджы фæрцы Дзæуджыхъæуы уылты цæуæг хæдтулгæты нымæц зынгæ фæкъаддæр уыдзæн.
















