Сергей Меняйло архайдта Цæгат Кавказы федералон зылды сусæг экономикон архайд фæкъаддæр кæныны фæдыл æмбырды. Видеобастдзинады руаджы йæ амыдта Уæрæсейы хицауады сæрдары хæдивæг Александр Новак.
Фыццаджыдæр, ныхас цыд, йæ амалхъомад аууоны чи дары, уыдоны раиртасынæн цы хъæугæ мадзæлттæ ис, уыдоныл. Сæ ахадындзинад та 2024-æм азы, ведомствæты æмгуысты руаджы, схæццæ 112%-мæ, — фæбæрæг кодта Александр Новак.
Товартæ æмæ лæггæдтæн æнæрмæджы хыгъдæй фидыны фæтк ныффидары мадзæлттыл дæр æрдзырдтой. Ныртæккæ Цæгат Кавказы картæйæ æхца исыны операцитæ 1,5 хатты фылдæр сты, æгас бæстæйы бæрæггæнæнтимæ абаргæйæ.
Сусæг экономикон архайды фæкъаддæрæн хъæуы бизнесæн æфтиагджындæр уавæртæ саразын. Зылды субъектты амалхъомтæ пайда кæнынц паддзахадон æххуысы 46 хуызæй.















