Зындгонд поэт, прозаик, публицист, тæлмацгæнæг Хозиты Яковы рухс ном æрымысыдысты Дзæуджыхъæуы центрон библиотекæйы. Ацы аз фыссæджы райгуырдыл 110 азы æххæст кæны. Кæд 22 азы йеддæмæ нæ фæцард, уæддæр ссис ирон литературæйы классик. Иæ къухы бафтыд, бирæ фысджытæн зæронды бонмæ цы нæ бантысы, уый — алы литературон жанрты хуызы йæ курдиат равдисын. Фыста æмдзæвгæтæ, аргъæуттæ, эпиграммæтæ, тæлмац кодта классикты уацмыстæ: поэзи æмæ прозæ. Мысæн изæрмæ æрбамбырд сты ирон интеллигенцийы минæвæрттæ, фысджыты æмæ журналистты цæдисы уæнгтæ, скъоладзаутæ. Кировыхъæуы ахуыргæнæндон хæссы Хозиты Яковы ном.
Фидæны фыссæг райгуырд Зруггомы Хозитыхъæуы. Фæстæдæр бинонтæ ралыгъдысты Кировыхъæумæ. Скъоламæ дæр ам бацыд Яков. Дарддæр ахуыр кодта Орджоникидзейы облæсты дыууæазыккон фыцæгæм фæлварæн скъола æмæ хъæууонхæдзарадон техикумы, стæй Цæгат Ирыстоны пединституты æвзаг æмæ литературæйы факультеты. Уыцы иу рæстæг йæ уацмыстæ мыхуыры цæуын райдыдтой газеттæ æмæ журналты фæрстыл. Хозиты Яков астæуккаг скъолайы 3-аг къласæн сарæзта аив кæсыны хрестомати. Мадæлон æвзагмæ ратæлмац кодта Александр Пушкин, Михаил Лермонтов, Лев Толстой, Максим Горький, Шарль Перро, Фридрих Шиллер, Шота Руставели æмæ æндæр фысджыты уацмыстæ. 1937-æм азы рацыд йæ чиныг “Домбайы цуан” латинаг дамгъæтæй фыстæй.
















