Дзæуджыхъæуы цыппор æхсæз уынгыл сног кодтой дондзæуæн системæ. Уый тыххæй хъусын кæны Сергей Меняйло.
Сæргълæууæг фæнысан кодта, ивгъуыд аз рацарæзт цыд æртын дыууæ уынгыл, уæд баивтой 10 мин метрмæ ввахс хæтæлтæ. Коммуникацитæ модернизацигонд цæуынц Цæгат Ирыстон цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады рацарæзты фæдыл пилотон проекты кæй архайы, уый фæрцы.
Уыцы иу рæстæг ног кæнынц Балтайы дондзæуæн, уый донæй æфсады горæты рахизфарс. Зæронд инженерон системæ ивынц дыууæ къæпхæнæй.
Уымæй уæлдай Доны куыстуаты специалисттæ ног кæнынц Сады Шалдонæйы уынгыл заууат хызтæ. Æмткæй ног хæтæлтæ сæвæрдзысты æхсæз сæдæ метрæй фылдæр.
















