Куыд цæттæ у республикæ уарынты рæстæгмæ, зынгсирвæзтытæй тæссаг уалдзыгон æмæ сæрдыгон афонмæ – ацы æмæ æндæр фарстатыл ныхас кодтой æнæнхъæлæджы уавæртæ рагагъоммæ рабæрæг кæныны æмæ аиуварс кæныны республикон къамисы æмбырды.
Амыдта йæ Цæгат Ирыстоны хицауады сæрдар Дзанайты Барис. Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады республикон хайады разамонæджы хæдивæг Æлборты Анатолийы ныхæстæм гæсгæ, уарынты рæстæгмæ республикæ у цæттæ, куыд министрады кусджытæ, афтæ сæрмагонд техникæ дæр. Къамисы уæнгтæ сфидар кодтой ведомствоты ‘хсæн кусæг къорд.
Уыдон сæ цæст дардзысты зынгсирвæзтыты æмæ донлæсæнты афонмæ цæттæгæнæн мадзæлттæ куыд æххæстгонд цæуынц, уымæ. Æмбырды ма ныхас кодтой социалон æмæ культурон объектты æдасдзинадыл дæр.
















