Дзанайты Барис фембæлд ахуыргæнджыты профессионалон цæттæдзинады департаменты разамонæг Алексей Благинин æмæ рухстауыны министрады академийы ректор Павел Кузьминимæ.
Дзырдтой ахуырады райрæзтыл, уыимæ Цæгат Ирыстоны педагог æмæ зондамонæджы афæдз снысан кæныны мадзæлттыл. Республикæйы аразынц æмæ цалцæг кæнынц скъолатæ. Уæлдæр ахуыргæнæндæтты цæттæ кæнынц хъæугæ специалистты. Уыдон фидæны социалон, экономикон къабазмæ се ‘вæрæн бахæсдзысты – фæнысан кодта премьер.
Педагог æмæ зондамонæджы афæдзы фæлгæты регионы ацы аз ацæудзæн 80 мадзалы. Стыр æргом здæхт цæуы президенты амынддзинæдтæм. Йæ уынаффæмæ гæсгæ Цæгат Ирыстоны дæр байгом «Движение первых» змæлды хайад. Байгом æфсæддон-патриотон хъомылады центры бындурыл. Павел Кузьмин та зæрдыл æрлæууын кодта рухстауыны министрады академи æмæ республикæйы ахуырады министрады куыд æнтыстджынæй æмархайд кæнынц, уый.
















