Дзанайты Барис видеобастдзинады фæрцы архайдта æнæзакъон финансон операциты ныхмæ ведомствæты ‘хсæн кусæг къорды æмбырды. Мадзал амыдта Уæрæсейы Президенты æххæстбарджын минæвар Цæгат Кавказы федералон зылды Юрий Чайка.
Ныхас цыд дзуапдæттæг организациты ‘хсæн æмгуыстад фæхъæддых кæныныл, бюджетон фæрæзты раст пайдакæнынадыл национ, федералон æмæ регионалон проекттæ æххæст кæнгæйæ. Юрий Чайка куыд фæнысан кодта, афтæмæй ацы мадзæлттæ цæрджыты царды хæрзхъæддзинад фæхуыздæр кæныны ахсджиаг бынат ахсынц, æмткæй та бæстæйы райрæзты. Уымæ гæсгæ æххæстгæнæг хицауады уæнгтæ, барадон оргæнтæ æмдыхæй архайой закъонхæлдтытæ ма руадзыныл.
















