Дзæуджыхъæуы ацыд республикæйы хицауады æмбырд. Амыдта йæ премьер Дзанайты Барис. Хицауады уæнгтæ æркастысты 30 фарстайæ фылдæрмæ. Ныхас цыд промышленност, спорт, патриотон хъомылад æмæ фæндæгты рацарæзтыл.
Уадзæн пункт Уæллаг Ларсы сæрты ахизынвæнд чи кæны, уыдонæн хъæугæ æххуыс бакæнын. Ахæм нысанимæ республикæйы кусы сæрмагонд центр. Уым ныртæккæ архайынц хæдтулгæтæн электрон рад снысан кæныныл. Цæмæй хъуыддаг къухы тагъддæр бафта, уый тыххæй центры кусджыты нымæц 23-йæ 40-ы онг фæфылдæр кæндзысты.
Хицауады уæнгтæ фæнысан кодтой промышленносты райрæзты фарстатæ дæр. 2025-æм азы онг регионы æххæст кæндзысты сæрмагонд программæ. Йæ фæрцы фадат ис Уæрæсейы промышленность æмæ базарады министрады программæты архайынæн. Сæ фæрцы промышленнон куыстуæттæ исдзысты субсиди æмбæлгæ гæрзтæ æлхæнынæн.
Æмбырды ма куыд фæбæрæг кодтой, афтæмæй фæндаггон хæдзарады инфраструктурæйы райрæзтæн Цæгат Ирыстонæн бæстæйы хицауад рахай кодта 2 миллиард соммæ ‘ввахс. «Æдас æмæ хæрзхъæд фæндæгты» программæйы фæлгæты арæзт æрцæудзысты Мичурины хъæуы иувæрсты фæндаг, Мамысонмæ цæуæг фæндæгтæ, стæй Беслæны дæр.
Ныхас цыд рæзгæ фæлтæры раст хъомыладыл дæр. Ахуырад æмæ наукæйы министрадæй куыд фехъусын кодтой, афтæмæй Цæгат Ирыстоны байгом кæндзысты Æфсæддон-патриотон хъомылады центр.
Æмбырды рæстæг ма куыд фехъусын кодтой, афтæмæй Рахизфарсы районæн тыхджын дымгæ æмæ къæвдайы фæстиуджытæ аиуварс кæнынæн республикæйы бюджетæй рахай кодтой 7милуан æмæ 7 сæдæ мин сомы. Æвзæр боныхъæды аххосæй хъыгдæрд баййæфтой Беслæн, Ног Бæтæхъойыхъæу, Фарныхъæу æмæ Хуымæллæг.
















