Парк «Нæртон»-ы бæлæстæ нæ калынц. Социалон хызæгты цы информаци апарахат, уый Дзæуджыхъæуы администрацийы кусджытæ растыл нæ банымадтой. Уый тыххæй ныхас цыд хицауады аппаратон æмбырды. Горæты администрацийы сæргълæууæджы хæдивæг Дзоблаты Зураб куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй æхсæнадон хæрæндоны бынаты хицæн амалхъом адæймæгтæ афæдзы ‘рдæджы размæ акалдтой 12 бæласы. Ныртæккæ уый фæдыл тæрхондоны хъуыддагмæ кæсынц. Парк «Нæртон» ныр афæдзæй фылдæр хауы федералон исбонадмæ. Премьер Дзанайты Барис бабар кодта равзарын, социалон хызæгты мæнг иформаци цæмæ парахат кæны, уый.
Æмбырды ма ныхас цыд эпидемиологон уавæрыл дæр. Вирусон инфекцитæй рынчынтæ фылдæр ис, фæлæ бæрæггæнæнтæ нысангонд бæрцæй нæ ахызтысты. Медицинон уагдæттæм æххуысмæ чи фæсиды, уыдоны 80% сты сывæллæттæ. Уыимæ грипп парахат кæныны цаутæ нæ рабæрæг кодтой. Уыимæ ма кæсынц, сывæллæттæ скъолатæ æмæ рæвдауæндæттæм куыд цæуынц, уымæ дæр. Ахуырæй чи фæцух, уыдон 20%-æй фылдæр не сты. Премьер бабар кодта, æппæт дзуаппдæттæг ведомствотæн, ацы фарстамæ æппынæдзух кæсын.
Дзанайты Барис ма куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй хъаст кæнынц Цъæй æмæ Буроны хъæуты цæрджытæ, æхсæнадон транспорт сæм куыд æмбæлы, афтæ кæй нæ цæуы, уый тыххæй. Хицауады сæрдар куыд загъта, афтæмæй цæрджыты ласыны хъуаддыджы къуылымпыдзинæдтæ хъуамæ ма уа. Уымæн Цæгат Ирыстоны арарзынц æппæт хъæугæ уавæртæ.
















