Республикæйы ахуырадон инфраструктурæйы райрæзты фæдыл егъау куыст цыд афæдзы дæргъы. Сцалцæг кодтой, самадтой æмæ нырыккон кусæнгæрзтæй сифтонг кодтой сæдæгай скъолатæ, дæсгай рæвдауæндæттæ æмæ астæуккаг профессионалон организацитæ. Фæрæзты иумæйаг гуырахст фæфылдæр 14 миллиард сомæй. Ахæм нымæцтæ фехъусын кодтой республикæйы хицауады кæронбæттæн æмбырды, амыдта йæ Дзанайты Барис. Премьеры ныхасмæ гæсгæ, ма ахсджиаг хъуыддæгтæй иу у фæллойы ветерантæн æххуыс.
Чернобылы атомон электростанцæйы фыдбылыз иуварсгæнджытæй 650-йæ фылдæр цæрынц республикæйы. Фидæны аз регион сбæрæг кæндзæн аварийы 40 азы. Арæзт æрцæудзæн цалдæр мысæн мадзалы. Уый фæдыл нысангонд æрцыд цæттæгæнæн комитет. Дзанайты Барисы ныхасмæ гæсгæ, хъыгдард чи баййæфта, уыцы адæмы фарсмæ хъæуы балæууын. Уæлдайдæр социалон æмæ медицинон къабæзты. Æрныхас ма кодтой ахсджиаг программæйы райрæзтыл – цæрджытæн куысты бынæттыл. Уый тыххæй 2028-æм азмæ радих кæндзысты 1,5 миллиард сомы. Æххуысы гæнæнтæ ма фæзындзæн педагогтæн. Ныхас цæуы мыздыл – фæфылдæр æй кæндзысты фондз мин ахуыргæнæгæй фылдæрæн. Фæрæзты иумæйаг гуырахст у 240 милуан сомы.
Æмткæй социалон-экономикон райрæзты фарстайы ацы аз Премьер фæнысан кодта хорз бæрæггæнæнтæ. Федералон программæты фæрæзтæ баисты 22 миллиард сомы. Уыдонæй 10 миллиарды снысан кодтой национ проекттæн. Æмткæй сарæзтой æмæ сног кодтой алы къабæзты 295 объекты.
Ноджы егъаудæр куыст бакæндзысты ног азы дæр. Федералон бюджеты ныридæгæн снысан кодтой 16 миллиард сомы. Фæрæзтæй сараздзысты æмæ сног кæндзысты скъолатæ, сывæллæтты рæвдауæндæттæ, æнæниздзинадхъахъхъæнынады, культурæйы, спорты, уыимæ коммуналон æмæ фæндаггон инфраструктурæйы объекттæ. Се ‘хсæн раззагдæртæ, кæцытæ сног кæндзысты бæстæйы Президенты æмæ Парламенты Уæллаг палатæйы амынддзинадмæ гæсгæ. Дзанайты Барис фæнысан кодта, кусын хъæуы экономикæйы райрæзтыл, социалон сферæйы æххуысыл æмæ инвестицитæ раздахыныл.
















