Дзæуджыхъæуы Дзанайты Иваны номыл уынг фæуæрæхдæр кæндзысты. Бæлвырддæр та фæндаджы уадздзаг.
Машинæты цыдыл уый хуыздæрырдæм сахаддзæн. Уынаффæ рахастой бынæттон администраци æмæ паддзахадон инспекцийы кусджытæ. Хæдтулгæты цæндтæ ацы бынаты арæх фæзынынц. Уымæ гæсгæ дзы фæндаггон фыдбылызтæй дæр у тæссаг.
Специалисттæ фæнд кæнынц Ростовская уынгæй Рæмоны фырты уынджы онг аллей райхалын. Афтæмæй фæндагмæ бафтаудзысты ноджы иу тæлм. Хæдтулгæтæн æрлæууæн бынæттæ фæзындзысты базары дыууæ фарс дæр. Газоны цы бæлæстæ ис, уыдон хъыгдæрд нæ баййафдзысты. Æндæр бынæтты сæ ныссадздзысты.
















