Джиголаты Анжеликæ Фарныхъæуы скъолайы мæй дæр нæма кусы, фæлæ цыма рагæй дæр ам уыд, уыйау æй айстой сабиты зæрдæтæ. Уæлдæр ахуырад æмæ бирæазон фæлтæрддзинад Дзæуджыхъæуы 41-æм скъолайы — “Хъæууон ахуыргæнæджы” программæйы архайынæн куыд æмбæлы, афтæ. Ныртæккæ йæм ис цыппар къласы: фæндзæм, æхсæзæм, æвдæм æмæ фарæстæм.
Сывæллæттæн амоныны бæллиц мæм кæддæриддæр уыд. Фнды мæ, цæмæй ахæм ахуырад райсой, æмæ дзы цыфæнды æмвæзадыл дæр æнтыстджынæй пайда кæной. Цавæр уæлдæр ахуырдонмæ сæ фæнда, ахæммæ бацæуой уæндонæй. “Земский учитель” ахæм фадат дæтты.
Хъæуты скъолаты ахуыргæнджытæ рагæй дæр нæ фаг кæны. Æмбæлгæйæ иу æмæ ‘рдæг, дыууæ хатты уæлдæр ставкæтыл ахуыр сты. Аххосæгтæ та хуымæтæг: гыццыл мызд, зæронд ифтонггарз, зынвадат уавæртæ. Фæлæ уыцы фарстатæ, Анжеликæйы хъуыдымæ гæсгæ, “Хъæууон ахуыргæнæджы” программæ æнтыстджынæй иуварс кæны. Разæнгардгæнæн æфтауæнтæ, ног фæлтæрддзинад æмæ хи ног бынаты бафæлварыны фадат — сæйраг пайда.
Гыццыл æмæ стыр скъолайы уавæртæ хъуамæ æмхуызон уой. Цы уæлдай у, горæты ис, æви хъæуы? 2023-æм азы Фарныхъæуы скъола бындуронæй сцалцæг кодтой. Ныр у райдзаст æмæ нырыккон. 137 сывæллонæн дзы ног зонындзинæдтæ лæвар кæнынц фæлтæрдджын ахуыргæнджытæ.
Программæ æрмæст уæлбартæ æмæ хуыздæр уавæрты тыххæй арæзт нæу. Уый бæстæйы фидæнмæ стыр бавæрæн у, уымæн æмæ дæрддзæф хъæуты дæр аккаг ахуырад ис. Чи зоны, æмæ Джиголаты Анжеликæйы абоны ахуыргæнинæгтæй математиктæ цал суыдзæн. Фæлæ йæхи уырны, ацы куысты бынаты йæ уыдонæй исчи, æнæмæнг, раивдзæн фидæны.
















