Горæты фæлладуадзæн бынæтты сарæх сты джыбытæ. Адæм цъæх нæуумæ рацæуын нал уæндынц. Тæрсынц суанг сæ сывæллæттæн дæр. Æмæ сын уымæн æфсон дæр ис. Джыбытæ сты бирæ тæссаг низтæ парахатгæнæг тугцъиртæ. Семæ тох кæнын бирæ бæрнон кусджыты хæс у. Фæлæ цас ахадгæ вæййы уыцы куыст, уымæ зæрдæ `хсайы. Нæ уацхæсджыты æрмæг – амынд темæйыл.
Оксана Киселева социалон хызæгты æнæхъæн кампани расидт. Джыбытæ цы сты æмæ сæ адæм кæй нæ зонынц, уый ныхмæ. Цы тас хæссынц, уый та йын уæлдай хъуыдыйаг у. Йæхæдæг ныхæй-ныхмæ сæмбæлд ацы лыстæг тугцъиртимæ, паддзахадон университеты цур парчы йæ сывæллон æмæ йæ мадимæ куы тезгъо кодта, уæд. Бандоныл сæхи `руагътой, æмæ уалынмæ сывæллоныл иу джыбы схылд. Мад æй иуварс ныззыввытт кодта. Æндæр бандонмæ сæхи байстой æмæ та лыстæг саскъ Оксанæйæн йа ныййарæджы къахыл сбырыд.
Оксана Киселева: «Æз уайтагъд Елисеймæ фæдзырдтон, уымæн æмæ йæ къудзиты хилгæ ауыдтон. Сæ цуры бандæттæ – адæмæй сæ тæккæ дзаг. Сывæллæттæ дæр бирæ. Ма сабимæ фæдзырдтон, кæсын, æмæ уæдмæ иу джыбы йæ сæрыцъарыл ныззæгæл. Мæ цардæмбалмæ бадзырдтон, æмæ афтæмæй сывæллонимæ рынчындоны балæууыдыстæм».
Джыбыйы сластой æмæ йæ анализы тыххæй санæпидстанцæмæ арвыстой. Афтæ æнæмæнг бакæнын хъæуы. Къуырийы фæстæ Оксанæмæ `рбадзырдтой, уыцы джыбы, дам, боррелийæтæй хъæстæ уыд. Чысыл фæстæдæр низ сайæг бактеритæ ссардтой сывæллоны туджы дæр. Бахъуыд сæ антибиотиктæй сывæллоны дзæбæх кæнын. Ныр «Нæ тæрсут парктæм цæуынæй», зæгъгæ, фарстæн дзуапп радтынц – уæдæ, дам, цы фæуæм.
Оксана Киселева: «Нæхи цы фæкæнæм, уый нæй. Кæрты хæдтулгæтæ кæрæдзийы сæртыл лæууынц, рыгæй дзы азмæлæн нæй. Нæхи ма къахвæндæгтыл аирхæфсæм, æндæр никуы. Æз сывæллæтты фæдыл раст хъахъхъæнæнджы рафт-бафт кæнын, кæсын сæм, цæмæй кæрдæгмæ хæстæг дæр ма цæуой».
Паркмæ хи аппарыны диссагæй ницы ис. Уæдæ ма `ндæр цы боны хорзæн хъæуынц? Фæлæ дыл дзы джыбы искуы ныййичъи уыдзæн, уымæн та цы `рхъуыды чындæуа? Дзуапп ын ис ацы фарстæн. Дезинфекцион станцæ ма уæдæ хуыздæр цы хъуамæ куса? Фæлæ мæнæ замана – станцæ кусы бадзырдты бындурыл. Кусджытæ джыбытимæ тохы æнæ гæххæтты гæбазæй нæ бацæудзысты.
Дзæуджыхъæуы дезинфекцион станцæйы сæйраг дохтыр Æхполæтты Таймураз: «Хъыгагæн, паркты джбытимæ нæ тох кæнæм. ууыл хъуамæ Дзæуджыхъæуы администраци архайа, кæнæ æндæр ахæм бæрнон кусджытæ. Махимæ сæ бадзырд ничи бафыста, уымæ гæсгæ нын парктæм фæндаг æхгæд у».
Цалынмæ джыбыты хъысмæт административон гæххæттытæй аразгæ у, уæдмæ та уал уавæр карзæй-карздæр кæны. Кæуыл фæхæцынц, уыцы адæмы нымæц дæр бабирæ. Дзæуджыхъæуы администраци æмæ дезинфекцион станцæйы `хсæн уыцы бадзырд цæмæн ныййивæзт, уый базонын нæ къухы нæ бафтыд. Нæ телекамерæйы цур сæ раныхас кæнынмæ йæ ныфс ничи бахаста.
хъараты еленæ, РЦИ-Аланийы фæлхасадмæ цæстдарды санэпидемиологон хайады сæйраг специалист Хъараты Еленæ: «Джыбыты хæцтытæ уымæй тæссаг сты, æмæ сæ адæймаг æмбаргæ дæр нæ бакæны. Йæ сæты цы баургъæдтæ ис, уый тыххæй афтæ у. Фæлæ ма дзы уымæй уæлдай низ расайæг бактеритæ дæр ис. Адæймаг уыцы джыбыты аххосæй фæрынчын вæййы ахæм низтæ, куыд боррелиоз, туджы хъырымаг тæфсæг, здæхгæ тиф, туляремия. Уыдон тынг тæссаг рынтæ сты».
Ацы `рмæг исгæйæ дæр ныл адæм тыгуыртæ кодтой. Уый ууыл дзурæг у, æмæ сæ джыбытæ тыхсæн кæнынц. Специалисттæ сидынæй бафæлладысты – арбаздæхтæ искуыцæй, уæд дæхимæ дæр, æмæ дæ сывæллонмæ дæр æркæс. Уымæн æмæ, гæнæн ис, æмæ ацы азмæ джыбытæ цы 346 адæймагыл фæхæцыдысты, уыдоны номхыгъды бафтдзынæ. Се `хсæн 154 сты сывæллæттæ. Æгъгъæд фæуæд тугцъирты амæттæгты фылдæр кæнынæн.
















