preloader
сейчас в эфире
23:45
ОКНА ДОМА ТВОЕГО (3,4 -АЯ СЕРИЯ) 12+
Смотрите Далее
00:00
ХАБÆРТТÆ ( ПОВТОР) 12+
ТВ ПРОГРАММА
ОКНА ДОМА ТВОЕГО (3,4 -АЯ СЕРИЯ) 12+
close

Дзиуаты Земфирæйы куклаты равдыст

9.01.2018 15:59

Тугъанты Махарбеджы номыл музейы байгом ис Дзиуаты Земфирæйы хиконд куклаты равдыст.

Сывæллоны бæллицтæ царды æрцыдысты. Тугъанты Махарбеджы номыл музейы байгом ис Дзиуаты Земфирæйы хиконд куклаты равдыст. Уæвгæ дзы æрмæст йæ къухæй конд дзаумæттæ не сты, фæлæ ма йæ ахуырдзауты куклатæ дæр! Бирæ чызджытæн сæ фæндтæ сæ къухы бафтыдысты: сахуыр сты куклатæ аразын, æмæ ма сæ адæмæн дæр фенын кодтой. Равдыст ахæсдзæн 15-æм январмæ. Куклаты дунейы уыди нæ уацхæссæг Гæззаты Зæринæ дæр.

Чысыл Дзиуаты Земфирæйы кæддæр йæ нана сахуыр кодта хиконд куклатæ аразын. Уыдысты хуымæтæг, арæзтой сæ хъæдыл хъуымацæй æмæ нымæттагæй. Йæ нана йын цы зонындзинæдтæ радта, уыдон арф фæд ныууагътой йæ царды, йæ фидæн ын сбæрæг кодтой. Ныр йæ ном айхъуыст канд республикæйыл нæ, фæлæ ма суанг дунейыл дæр. Йæ куклатæ йын фенæн ис алыхуызон коллекциты. Фæстаг азты та йæ бафæндыд Дзæуджыхъæуы хиконд куклаты скъола байгом кæнын æмæ кæстæрты ацы дæсныйадыл ахуыр кæнын.

Фардзинты Беллæ, ныййарæг: «Мæхæдæг дæр тынг уарзын ныв кæнын. Мæ сывæллæттæ дæр тынг уарзынц, æмæ мæнæ Зефирæйы скъолайы тыххæй куы базыдтам, уæд æрбацыдыстæм æмæ нæ зæрдæмæ тынг цæуы. Алкæмæн дæр фæзæгъæм цæмæй ардæм цæуой ,чи уарзы къухæй истытæ аразын. Мæ зæрдæ райы. Куы вæййы нæ бон, афтæ æрбацæуæм алы хатт дæр».

Скъолайы ахуыр кæнынц куыд сывæллæттæ, афтæ сæ ныййарджытæ дæр. Алкæй бон дæр у æрбацæуын. Ифтонг сты æппæт æрмæджытæй æмæ кусæнгæрзтæй. Зæгъын ма хъæуы уый, æмæ Земфирæ йæхæдæг бакуыста техникæ æмæ технологитыл. Уымæ гæсгæ скъолайы се ргом фылдæр здахынц керамикæ æмæ, йæхæдæг чи ныхъхъæбæр вæййы, ахæм пластикмæ.

Саулохты Сæрмæт, скъолайы хъомылгæнинаг: «Куы рбацыдтæн мæ мад æмæ мæ хоимæ, уæд мын фæцыди мæ зæрдæмæ æмæ мæ хоимæ байдыдтон кусын. Скодтон бирæ куклатæ æмæ выставкæйы дæр уыдысты».

Кусынц канд национ нæ, фæлæ ма фæсарæйнаг куклатæ аразыныл дæр. Иу кукла саразынæн бахъæуы дыууæ- æртæ мæйы.

Дзиуаты Земфирæ, куклаты нывгæнæг: «Не скъола кусы афæдз,куы фæцис, уæд скодтам равдыст. Раздæр дзы хъавыдтæн æрæмбырд кæнын нæ республикæйы куклатæ чи аразы, уыдонæн .Фæлæ афтæ рауади æмæ кæмæндæр йæ равдысты уыдысты, чидæр сæ не скодта, рæстæг ын нæ фæцис, æмæ равдысты æрмæстдæр не скъолайы куклатæ уыдысты. Не скъолайы ахуыр кæнынц сывæллæттæ стæй хистæр кары адæм.Бирæтæ æрбацæуынц æнæхъæн бинонтæй».

Скъолайыл цæуы афæдз. Сæ фыццаг гуырæн бон сæ бафæндыд равдысты хуызы сбæрæг кæнын. Сарæзтой йæ Тугъанты Махарбеджы номыл музейы. Цæхæркалгæ рæсугъд куклатæ рæвдауынц адæмы цæст æмæ сын хæссынц циндзинад. Сфæлыстой сæ диссаджы дзаумæтты, срæсугъд сæ кодтой алыхуызон нывтæй.

Музеймæ куклатæм бакæсынмæ æрбацæуынц стырæй-чысылæй. Кæй зæрдæмæ нæ фæцыдысты, ахæм адæймаг нæй. Алкæй дæр бафæнды сæ ацы диссаджы куклатæм бандзæвын, къухæй сæ басгарын. Фæлæ йæ `мбарынц ацы аивадон хæзнатæ хъазынæн кæй не сты, уый. Сты рæсугъддзинады æмæ цавæрдæр алæмæты диссаджы `вдисæнтæ.

Читайте также
Все новости
Темы
Рекомендуем
Хетæгкаты Къостайы 167 азы, тромбозимæ тох кæныны мадзæлттæ æмæ Беслæны адæмон театр | Йæ рæстæгыл
13.10.2026
Залина Караева I Профессиональный путь
13.10.2026
Микрозаймы I Разбор полетов
13.10.2026
13.10.2026 I Дæ райсом хорз, Ирыстон!
13.10.2026
Мамиаты-Чехойты Евгения I Фæрдгуытæ
12.10.2026
12.10.2026 I Самое время
12.10.2026
Кинезиология и гирудотерапия I Доброе утро, Осетия!
12.10.2026
Дзантиаты Светланӕ ӕмӕ Сугъаты Хъазыбег I Куыд зӕгъай, афтӕ
11.10.2026
В итоге: 11.10.2026
11.10.2026
Инсулинорезистентность I Медикум
11.10.2026
Дзасохты Музафер I Æнусон фарн
10.10.2026
Мамытæ I Мыггаджы фæндæгтæ
10.10.2026
Хадыхъаты Франц ӕмӕ Тинӕ I Бинонтæ
10.10.2026
10.10.2026 I Гвардия
10.10.2026
Нарты Сосланы Бæрæгбон I Кувæг Ир
10.10.2026
Все рекомендуемое