Уæрæсейы дарддæр æххуыс кæнынц æрдзæн зиан чи нæ хæссы, ахæм инвестицион проекттæн. Хыгъд фæуæрæхдæр кодтой. Бадзырд бафыста Михаил Мишустин. Ныр льготæйы хуызы æхцайы фæрæзтæ сæ бон райсын у алыхуызон проекттæн. Баст сты энергон хуызы хъомысджын хæдзæртты арæзтад, доны объектты сыгъдæг кæнынимæ, быронимæ архайд æмæ афтæ дарддæр. Энергетикæйы къабазы паддзахад льготон кредиттæй фæкæсдзæн донгуыр ласынимæ баст инфрастуруктурæйы рацарæзт, аккумуляторон батарейæты арæзтад, сæ фесафын æмæ сыл дыккаг хатт бакусыны проекттæм.
Электрон хъармгæнæн донцъирæн технологитæ дæр рохуаты нæ баззадысты. Сæ фæрцы энергон тых исæн уыдзæн мæр æмæ донуаттæй. Программæйыл кусын райдыдтой 2021 азы. Уый у стыр бавæрæн ног экологон стандарттæ снысан кæнынæн.
















