Экономикæйы райрæзты министрад архайы регионалон базарадон центрты æргътæ фæкъаддæр кæныныл. Ахæм курдиатимæ фæсидт уæйгæнджытæм.
Амынд дзы куыд ис, афтæмæй, зæгъæм, цæмæй зети æмæ сæкæры æргътæ нысангонд хъуамæ цæуой федералон бардзырдмæ гæсгæ. Сæйрагдæр у, йæ царды уавæртæ æнцон кæмæн не сты, уыцы адæмы бартæ бахъахъхъæнын. Экономикон райрæзты министрады куыд бафиппайдтой, афтæмæй дуканиты зетийы литры аргъ 110 сомæй фылдæр хъуамæ ма уа, сæкæры аргъ та 46 сомы иу килограммæн.
Æрæджы федералон министр Дмитрий Патрушев базарады архайджытимæ дзырдта цæрынæн хъæугæ хойрæгты æргътæ иу ран бауромыны хæсыл. Се `ргом ма аздæхтой агропромышленон комплексы кусджыты вакцинацимæ. Хицауады уæнгтæ снысан кодтой мадзæлттæ уавæр фæхуыздæр кæнынæн. Уыимæ ма регионтæн бабар кодтой, цæмæй уавæрмæ æппынæдзух сæ хъус дарой.