Куысты йе `нæниздзинад хъыгдард кæмæн баййæфта, уыцы фæллойгæнджытæн абон радтой ног “Лада Грантæ”-тæ. Кадджын уавæры сын дæгъæлтæ байуæрста хицауады сæрдар Тускъаты Таймураз.
Ацы аз машинæты амондджын хицæуттæ систы æхсæрдæс адæймаджы. Æртындæсæн дзы машинæтæ радтой æртыккаг хатт. Йе `нæниздзинад хъыгдард кæмæн у, уыдонæн ацы æххуыс тынг ахсджиаг у. Иу хæдтулгæйы аргъ у фондз сæдæ мин сомы бæрц. Сарæзтой сæ сахъат адæймæгты уавæртæ хынцгæйæ. Ифтонггонд сты автоматикон кусæнгæрзтæй, стæй машинæ бауромынæн сæрмагонд системæйæ. Федералон закъоныл æнцайгæйæ, нæ республикæйы социалон фæдзæхстады фонд куыстуæтты хъыгдардбаййафджытæн æххуыс кæны æвддæс азы дæргъы. Уæдæй абонмæ байуæрстой сæдæ дыууын цыппар машинæйы. Баххуыс кæнын та ма хъæуы фæндзай иуæн.
Уыдонæй бирæтæ машинæтæ райстой уымæй размæ дæр, фæлæ хæдтулгæтæ баивын фæхъæуы авд азы иу хатт. Ног азы ма машинæтæ ратдзысты æвддæс ирыстойнагæн.
















