Цæгат Ирыстоны экскурси сарæзтой, фæсарæнтæй ардæм ахуыр кæнынмæ æмæ кусынмæ чи ‘рцыд, уыдонæн. Сты Узбекистанæй. Республикæйы уазджыты базонгæ кодтой ирон культурæ æмæ традицитимæ. Абон уал уыдысты Суннитаг мæзджыты æмæ Нæлгоймæгты Алайнаг моладзандоны. Бабæрæг ма кодтой Беслæны «Зæдты сахар» дæр.
Ацы фæсивæд Ирыстонмæ ссыдысты Узбекистанæй. Джамшид Мадрахимов нæ республикæйы ис ныр иу мæй. Ахуыр кæндзæн Цæгат-Кавказы хæххон-металлургон институты. Нæ горæт æмæ адæм йæ зæрдæмæ афтæ тынг фæцыдысты, æмæ йæ Ирыстоны цæрын дæр фæндид.
Беслæны æвирхъау цау дæр сын æнæзонгæ нæу. Ацы бынатæй сæ райдыдтой зонгæ кæнын Ирыстонимæ дæр. Ам фæсивæд дидинджытæ сæвæрдтой «Хъыджы бæлас»-ы цур.
Цæгат Ирыстон фæсарæйнаг уазджыты зæрдæмæ кæй фæцыд, уый дызæрдыггаг нæу. Абон ма уыдысты Сунитаг мæзджыты. Уæдæ ма балцы ацыдысты Куырттаты коммæ дæр. Уыдысты Алайнаг моладзандоны. Ахæм мадзæлтты ‘руаджы æндæр бæстæ æмæ йæ адæмы æнцондæр базонæн у.
Нæ республикæйы фæсарæйнаг бæстæты минæвæртты нымæц фылдæр кæны. Ацы аз Цæгат Ирыстоны ахуыр кæндзæн 200 студенты Узбекистанæй.
Мадзалы сæйраг нысан – фæсарæйнаг цæрджыты культурон интеграцийыл бацархайын. Сарæзтой йæ сæрмагонд проекты фæлгæты – «Если не знаешь, как поступить, – поступай по закону!», зæгъгæ.
















