Фæсивæдон парламенты æхсæзæм сконды фæдыл фæндон бахæссыны æмгъуыд фæцис. Йæ рæгъмæ райсыны тыххæй хъусынгæнинæгтæм лæмбынæг цæст дардтой сæдæгай адæймæгтæ. Алкæйдæр сæ фæндыд йæхи æвæрæн бахæссын.
Фембæлды фæсивæдон æвзарæн къамисы фыццаг сæрдар Лазарты Алан фæхай кодта йæ фæлтæрддзинадæй. Радта ахсджиаг амынддзинæдтæ ног сконды минæвæрттæн. Йæ ныхасмæ гæсгæ, сæйрагдæр у адæмуарзондзинад æмæ цæрджытимæ æмархайд.
















