Муниципалон программæмæ гæсгæ, Дзæуджыхъæуы дарддæр нывыл кæнынц фæлладуадзæн бынæттæ, парктæ æмæ сквертæ. Тамайы фырты уынгыл бавнæлдтой рацарæзты фыццаг къæпхæнмæ — Куйбышевы уынгæй Кировы уынджы онг. Систой зæронд уæлцъар, баивдзысты йæ брусчаткæйæ, ныридæгæн æвæрынц бордюртæ, бандæттæ æмæ бырондæттæ. Фæзуаты куыстытæ кæронмæ сæххæст кæнын фæнд кæнынц ацы аз. Фидæны аз та рахиздзысты дыккаг къæпхæнмæ — Кировы уынгæй Толстойы номыл уынджы онг. Уыцы иу рæстæг, “Горæты æнцонвадат уавæртæ аразын”-ы федералон программæмæ гæсгæ, кусынц 18 æхсæнадон территорийыл дæр. Сæйраг бынæттæй иу — Терчы былгæрон, Гæдаиты Цомахъы номыл уынгæй фысымуат “Дзæуджыхъæу”-ы онг.
















