Терроризм æмæ экстремизм ма ‘руадзыны мадзæлттыл дзырдтой Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты. Ацы куыстмæ уæлдæр ахуырадон уагдоны стыр æргом здæхт цæуы. Æмбырды архайдтой фæсарæйнаг студенттæ. Ныхас цыд терроризмы хуызтыл. Нысангонд куыд æрцыд, афтæмæй ныртæккæ дунейы экстремизмы фарстатыл арæх дзурынц, рæдыд фæндагыл та фылдæр хатт фæцалх вæййынц æрыгæттæ.
Мадзаларазджытæ – Националон политикæ æмæ æддагон бастдзинæдты министрад, Адæмыхæттыты хæлардзинады хæдзар æмæ горæты администраци. Ахæм фембæлдтæ фæнд кæнынц саразын Цæгат Ирыстоны æппæт уæлдæр æмæ астæуккаг ахуырадон уагдæтты дæр.
















