Ахæм рæсугъд æмæ зæрдæбын куывдтытæ хъуысыдысты Æрæфы районы Уæллаг Фæсналы. Ам æрвылаз августы дыккаг сабаты фæбæрæг кæнынц Нæлы Зæды бæрæгбон. Кæд ардæм фæндаг цыбыр æмæ æнцон нæу, уæддæр адæм бинонгай æрбацæуынц Хуыцаумæ скувынмæ, æрбахæссынц сæ кувинæгтæ æмæ мысайнæгтæ.
Фæсналы хъæуæй рацæугæ 12 мыггаджы, се ‘хсæн Агънатæ, Байцатæ, Баликъотæ, Годзойтæ, Гогунитæ, Катаутæ, Мæрзахъултæ, Насхъидатæ, Охъазтæ, Тауаситæ, Тепсихъотæ, Хъубадтæ æмæ Тухатæ, сæ хæсыл нымайынц сæ рагфыдæлтæ куыд куывтой, уыцы æгъдау дарддæр хæццæ кæнын. Азæй-азмæ уыдонæй равзарынц фысым. Ацы хатт уыдысты Тауаситы мыггаг. Сæ хистæр Афæхъойы номæй сарæзтой бæрæгбон. Бон раздæр фæсивæд æмæ фæкæсджытæ ссыдысты ацы сыгъдæг ранмæ, æрбаластой кусæрттаг, рагацау алцыдæр æрцæттæ кодтой бæрæгбонмæ. Кувæндонæн та ис йæхи цымыдисаг истори.
Афтæ лæппу-зæнæг кæмæн нæ гуыры, уыдон Дзуары бынмæ æрбаласынц хицæн кусæрттаг æмæ сæ кувинæгтæ. Хистæртæ куыд зæгъынц, афтæмæй иу ахæм бинонтæ нæ разыны, кæмæн нæ фæахъаз вæййы ацы хъуыддаг. Бæрæгбонмæ та æрмæст хъæуæй рацæугæ адæм не ‘рбамбæлынц, фæлæ ма уазджытæ суанг нæ бæстæйы æндæр регионтæ æмæ горæттæй дæр. Ирон традицитæ сæ тынг цымыдис кæнынц.
Уæлдай тынгдæр та бæрæгбоны цæсты ахадыдта фæсивæд куыд зæрдæргъæвдæй архайдтой, уый. Хистæры раз æппынæдзух лæууыд уырдыглæууæг, фæкæсджытæ та уазджыты иу уысм дæр æнæ цæстдардæй нæ уагътой. Уæдæ фыццаджыдæр та Хуыцаумæ иууылдæр куывтой æмзæрдионæй.
Фæсналы хъæуы ивгъуыд æнусы 60-æм азтæй нырмæ цæрæг нал ис. Фæлæ дзы фæстагмæ цы лæппу райгуырд, уымæ ис хорз хъуыдытæ фæстæмæ йæ фыдæлтæ кæцæй сты, уыцы бынаты æрцæрын æмæ йæ кæстæрты дæр уымæ сразæнгард кæнын.
Ахæм рæсугъд фæндтæн æнæ сæххæст уæвæн нæ вæййы, уæлдайдæр та сæ сыгъдæгзæрдæйæ куы курай Хуыцауæй, уæд.
















