preloader
сейчас в эфире
08:25
СЕМЬЯ 12+
Смотрите Далее
08:30
ПРОСВЕТ 12+
09:00
ПРЯМОЙ ЭФИР. БЕСЛАН СЕЙЧАС 12+
10:00
НОВОСТИ 12+
10:10
ÆРГОМÆЙ 12+
10:35
РУДНИК 12+
ТВ ПРОГРАММА
СЕМЬЯ 12+
close

Фарныхъæуы культурæйы хæдзары æрцыд зынгсирвæзт

14.05.2025 15:11

9 майы æхсæв Фарныхъæуы культурæйы хæдзары æрцыд тыхджын зынгсирвæзт.

Æвирхъау цауы бынатæй фыццаг кадртæ. 9 майы райсомы 4 сахаты. Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады кусджытæ архайынц Фарныхъæуы культурæйы хæдзары зынгсирвæзт аххуысын кæныныл. Фæлæ арты æвзæгтæ ног тыхтимæ абухтой. Цыбыр рæстæгмæ актон зал сæ ахæсты бацис.

Ныртæккæ актон зал æмæ культурæйы галуан мæнæ ахæм уавæры сты. Ацы бæстыхай иннæтæй тынгдæр баййæфта хъыгдард. Зынгсирвæзты рæстæг басыгъдысты цар, бандæттæ, арт суанг сценикон кусæнгæрзтыл дæр нæ бацауæрзта. Хорз уыд æмæ уыцы афон культурæйы галуаны адæм нæ уыд. Специалисттæн бахъахъхъæнын бантыст æрмæст бæхстыхайы административон хай. Æнæхъæнæй баззадысты культурæйы хæдзары костюмты уат æмæ архив. Ныртæккæ иртасынц фыдбылызы аххосæгтæ. Уыцы изæр Фарныхъæуы сыстад тыхджын дымгæ, их æмæ тæркъæвдаимæ. Хъæуы хицау Гæлуаты Зауырбеджы ныхæстæм гæсгæ, гæнæн ис æмæ боныхъæды аххосæй хъыгдæрд баййæфтой электрон тыхы телтæ.

Культурæйы галуанæн хъæздыг истори ис. Бæстыхай йæхимæ ‘лвæста бынæттон цæрджыты. Ссæдз азæй фылдæр афтид уыд, фæлæ йæ фондз азы размæ байгом кодтой бындурон цалцæджы фæстæ. Ацы цауыл хъæуы кæстæртæ тынг цин кодтой. Алыхуызæн къордты архайдтой 150 сывæллоны. Суанг ма сæм хæстæгдæр хъæуты фæсивæд дæр цыдысты.

Æрдзон фыдбылыз цы зиан æрхаста, уый нырма хъæуы банымайын. Фæлæ ныртæккæ дæр бæрæг у культурæйы галуаны рацарæзтæн бахъæудзæн 50 милуан соммæ хæстæг. Æмæ бæстыхай рацараздзысты. Специалисттæ кусын райдыдтой проектон-хыгъдон документтыл. Гæнæн ис, æмæ объект ацы аз баххæсой национ проекттæй иумæ.

Ахуыртæ иу бон дæр не ‘рлæууыдсты. Цалынмæ культурæйы галуан ног кæной, уæдмæ фæсивæд архайдзысты Фарныхъæуы скъолайы. Районы администрацийы нын куыд радзырдтой, афтæмæй хæстæгдæр рæстæг самал кæндзысты æмбæлгæ кусæнгæрзтæ. Уавæртæ культурæйы хæдзарæй цауддæр сты, фæлæ районы разамынд зæрдæ æвæры къуылымпытæ рæстæгмæ кæй сты. Бындурон рацарæзты фæстæ хъомылгæнинæгтæ æрбаздæхдзысты ноггонд бæстыхаймæ.

Читайте также
Все новости
Темы
Рекомендуем
Цохъты Беллæ I Фæрдгуытæ
31.08.2026
День ветеринара и День блогера I Доброе утро, Осетия!
31.08.2026
Сихъоты Тамир ӕмӕ Хынцӕгты Маринӕ I Куыд зӕгъай, афтӕ!
30.08.2026
В итоге. 30 августа
30.08.2026
Хугаевы I Семья
30.08.2026
30.08.2026 I Вместе за безопасность
30.08.2026
Храп I Медикум
30.08.2026
Лидия Цахилова I Нараспашку
29.08.2026
29.08.2026 I Кувæг Ир
29.08.2026
29.08.2026 I На крючке
29.08.2026
Ход истории I Скифский мир
28.08.2026
Хӕдзарадон I Зæххыты æмæ фыййæутты кадавардзинад  
28.08.2026
Æфсæддон дохтыры Бон, Цæгæраты Максимы юбилей æмæ нæ музыканттæ Китайы I Йæ рæстæгыл
28.08.2026
Выборы-2026. Дебаты
28.08.2026
Многоликое искусство I Доброе утро, Осетия!
28.08.2026
Все рекомендуемое