Хæууон хæдзарадимæ Хъайтмазты Таймураз йæ сабибонтæй зонгæ у. Фæлæ йæ фермер суæвын тæ хæрз æрæджы бафæндыд. Хæххон паддзахадон аграрон университеты кафедрæйы доцент æнтыстджынæй ацыд ахуыртæ “Фермерты скъола”-йы. Бахъахъхъæдта йæ проект æмæ райста грант. Ныр фæрæзты руаджы бацархайдзæн йæ хæдзарады райрæзтыл. Цавæр нысантæ сæвæрдта йæ размæ фермер, уый тыххæй нæ дарддæры æрмæджы.
Хъайтмазты Тамураз хъæуы схъомыл ис, стыр бинонты. Уымæ гæсгæ йæ ныййарджытæн æххуыс кодта фосмæ зилын, цæхæрадоны фæллой кæнын. Бацæттæ иу кодтой хос дæр. ХЪæууон царды фæзилæнтæ йын хорз зонгæ сты. Фæлæ фермеры куыст кæнын Тамураз æрæджы райдыдта. Уæвгæ, каст фæцис Хæххон паддзахадон аграрон университет æмæ ныр у кафедрæйы доцент. Ветеринарон факультеты æххуыс кодта фыстæм зилын æмæ йæм афтæмæй æрцыд хъуыды – фермеры хуысты хи бафæлварын.
Ацы чысыл хæдзарон фермæйы Таймуразæн стыр æххуыс сты йæ бинонтæ. Алкæмæн дæр ис йæхи хæстæ. Чи кæрчытæм зилы, чи та фыстæм æмæ хъазтæм. Алы цæрæгойæн ма ном дæр ис.
Ацы аз республикæйы кусын райдыдта “Фермерты скъола”. Йæ саразыны хъуыды фæзынд Цæгат Ирыстоны хъæууон хæдзарады министрад æмæ Уæрæсейы хъæууон-хæдзарадон банкмæ. Ахуыртæ цыдысты 3 мæйы, хæххон паддзахадон аграрон университеты бындурыл. Спикертæ уыдысты – ахуыргæнæндоны хуыздæр ахуыргæнджытæ, фермертæ, амалхъомадæм. Ахуыртæ ацыдысты 30 адæймаджы. Бирæ ногдзинæтæ базыдтой зайæгойты тыххæй æмæ фосдарыны хъуыддаджы, уыдис сын практикæ дæр. Æппынæдзух цыдысты алыхуызон хæдзарæдтæм, кастысты сын сæ архайдмæ, зылдысты фосмæ. Уый фæстæ та бахъахъхъæдтой сæ проекттæ. Афтæмæй сын фадат уыд грант райсынæн дæр. Уæд Таймураз сарæзта бизнес-пълан æмæ бакуыста йæ проекты сæйраг хъуыдыйыл. Йæ куыст ын банымадтой хуыздæрыл.
Фермер цы фæрæзта райста, уыдон схардз кæндзæн йæ хæдзарады райрæзтыл. Фæнды йæ йæ фермæ фæпарахатдæр кæнын, саразын дзы æмбæлгæ уавæртæ, фæфылдæр кæнын фосын нымæц дæр. Уый фæстæ та бакуысдзæн хæдзарон хæрзхъæд æмæ хæрзад хойраджы кондадыл.
















