Сывæллæттæн нырыккон æмæ æнцонвадат хъазæн фæз. Ахæм уавæртæм Цыколайы рагæй æнхъæлмæ кастысты. Раздæры хъазæн бынат æмбæлгæ домæнтæн дзуапп нæ лæвæрдта. Уымæ гæсгæ, объект фарон бахауд æхсæнадон бынæтты æнцонвад уавæртыл онлайн-хъæлæскæныны программæмæ. Цæрджытæ йæ æвзарын райдыдтой. Ныридæгæн куыстытæ кæронмæ нæма æрхæццæ сты, фæлæ фæзуат зынгæ фæхуыздæр. Фæзындысты дзы тренажертæ, волейболон фæз, хъеллаугæнæнтæ æмæ тезгъогæнæн бынат.
Ныртæккæ специалисттæ бавнæлдтой объекты алфамблай аив кæнынмæ. Тагъд рæстæджы сывæрдзысты бандæттæ æмæ бырондæттæ. Куыд зæгъынц, афтæмæй æппæт куыстытæ дæр сæххæст кæндзыстæ нысангонд æмгъуыдæй раздæр, иннæ къуыри. Ног фæлладуадзæн бынат фæзындзæн Лескены дæр. Объект ныридæгæн цæттæ у 80% бæрц. Специалисттæ бакодтой егъау куыст. Ныппырх кодтой зæххы зæронд уæлцъар, сывæрдтой дзы бырутæ, рухсгæнæнтæ. Хæстæгдæр рæстæг бавналдзысты сывæллæтты фæзуатмæ. Ацы æхсæнадон тыгъдад дæр сси онлайн æвзæрстыты фыццаг.
Ацы аз æхсæнадон бынæттæ аив кæныны хъуыддагыл цæрджытæ хъæлæс кодтой æнтыстджытæй. Æдæппæтæй сæ хъæлæс радтой 42 мин адæймаджы. Федералон программæмæ гæсгæ æрмæст Æрæфы районы банывыл кодтой 10 объекты.
Аивгонд фæлладуадзæн бынæттæ цæрджытæн хæссынц æхцондзинад. Программæ æххæст кæныны райдианæй нырмæ парктæ, сывæллæттæн хъазæн фæзтæ фæзындысты, ис афтæ зæгъæн, æмæ алы хъæуы дæр. Иннæ аз та ма ам фæнд кæнынц цалдæр æхсæнадон бынатмæ базилын.
















