Тимур Бессоновы бирӕсывӕллонджын бинонтӕ райстой скъолайы дзауматӕ хӕрзаудӕн акци “Иумӕ скъоламӕ”-йы фӕлгӕты. Балӕвар сын кодтой хуызджын кърандӕстӕ, ирд фломастертӕ, хызынтæ. Ацы аз йæ кӕстӕр фаззæттæ Алисӕ ӕмӕ Миланӕ ацӕудзысты фыццаг къласмӕ. Чызджыты ныййарджытӕ куыд дзурынц, афтӕмӕй сывӕллӕтты скъоламӕ ӕмбырд кӕнын зын ӕмӕ зынаргъ у. Уымӕ гӕсгӕ сын ахӕм ӕххуыс тынг фæпайда.— Фӕнды мæ стыр бузныг зӕгъын нӕ горӕты администрацийӕн. Тынг ахсджиаг у, бирӕсывӕллонджын бинонты рохуаты кӕй нӕ уадзынц, уый. Махӕн тынг зынаргъ у паддзахады ӕххуыс ӕнкъарын.
2022 азы Тимур ацыд контрактмӕ гӕсгӕ службӕ кӕнынмӕ. Хӕдзары стӕм хатт вӕййы ӕмӕ сывӕллӕтты арӕхдӕр фены видеобастдзинады уылты. Куыд зæгъы, афтӕмӕй йын тынг ахсджиаг у йӕ чызджыты фарсмӕ уӕвын сӕ фыццаг скъолайы линейкӕйы.
— Мӕнӕн куыд фыдӕн, афтӕ уый у тынг ахсджиаг цау у. Зонындзинæдты бон — фыццаг къласӕй иуӕндӕсӕм къласмӕ егъау фӕндаджы райдиан. Уымӕ гӕсгӕ мӕнӕн тынг ахсджиаг уыд уыцы бон мӕ сывӕллæтты фарсмӕ уӕвын.
Ахуыры азы райдайӕны размӕ лӕвар ӕххуыс райстой, сывӕллӕтты скъоламӕ ӕрӕмбырд кӕнын зын кӕмӕн у, уыцы бинонтӕ. Ӕххуыс бакодтой æххуысцух ӕмӕ бирӕсывӕллонджын бинонтӕн, стӕй сӕрмагонд операцийы архайджыты хиуӕттӕн.
Хӕрзаудӕн акци иумæ сарӕзтой Адӕмон фронт, Социалон лӕггады комплексон центр ӕмӕ бирӕсывӕллонджын бинонты иугонд. Проект кусы ныр фондз азы. Ацы хатт скъолайы дзауматæ райстой 20 бинонтӕ.
— Фæнды мæ зæгъын, нӕ управлени æппынæдзух балæууы æххуысцух бинонты фарсмæ ахуыры азы райдианы размӕ. Махӕн ацы хӕрзаудӕн куыст ахсджиаг у.
Хӕрзаудӕн акци “Иумӕ скъоламӕ” дарддӕр цӕуы. Мадзаларазджытæ бæлвырд дæнцæгмæ гæсгæ уынынц — ахæм архайды фæрцы ӕххуысцух бинонтӕн чысыл фенцондæр вæййы.
















