Дзæуджыхъæукаг сылгоймаг-таксисты Цæцæны республикæйы кæй амардтой, уый тыххæй хъуыддагмæ райдыдтой тæрхондоны кæсын. Уый тыххæй фехъусын кодта информацион агентад «Чечня сегодня», зæгъгæ. Уголовон хъуыддаг байгом кодтой 25-аздзыд бынæттон цæрæгæн. Азымджын æй кæнынц, сылгоймаджы уæлдай знæтæй кæй амардта, уымæй.
Уæ зæрдыл уын æй æрлæууын кæндзыстæм, фыдбылыз Грознайы фарон 21-æм апрелы æхсæвы кæй æрцыд, уый. Нæлгоймаг уыдис Дзæуджыхъæуы. Фæстæмæ Грознамæ цæуынæн баххуырста такси, йæ шофыр разынд сылгоймаг. Фыдгæнæг ын сфæнд кодта йæ хæдтулгæ байсын æмæ йæ фæндагыл цалдæр цæфы фæкодта кардæй. Дзæуджыхъæуккаг цæрæг сылгоймаг, уæззау цæфтæ райсгæйæ, амард. Цæмæй лæгмар йæ фыдракæнды фæдта фесафа, уый тыххæй сылгоймаджы Грознайы цæугæдон Сунжæйы æрхмæ ныппæрста. Цалдæр сахаты фæстæ фыдгæнæджы пъæлицæйы кусджытæ баурæдтой, сылгоймаджы хæдтулгæйыл куы фæцæйцыд, афтæ. Фыдракæнды фæстæ Цæцæнæй Дзæуджыхъæумæ сылгоймаджы бинонтæй хатыр курынмæ ссыдысты марæджы хæстæджытæ æмæ йæ сыхæгтæ.
















