Сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæн æххуыс бæстæйы хицауады раззагдæр хæсты ‘хсæн ис. Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты фонды филиалы уыд фембæлд “Возможности для СВОих”, зæгъгæ. Ныхас цыд социализаци æмæ реабилитацийы проекттыл, куыст ссарын æмæ спортæй хи фæлварыныл. Чи архайда æмбырды æмæ цы хатдзæгтæ скодтой? Ме ‘мкусджытæ радзурдзысты.
Камиль Ижболдин сæрмагонд операцийы бынатмæ ацыд 2023-æм азы. Луганскы ‘рдыгæй, æфсæддон хæслæвæрд æххæстгæнгæйæ, Лæгдзинады дыууæ ордены кавалер уæззау цæф фæцис. Къах ампутаци бахъуыд, фæлæ хæстон тыхджын удыхъæды хицау у. Спортæй архайын райдыдта æмæ ма суанг парашютимæ дæр æргæпп кодта 4 мин метры бæрзæндæй. Сси Уæрæсейы æфсады кубокы призер рог атлетикæйæ. 2024-æм азы Камиль рамбылдта грант æмæ Сæрмагонд æфсæддон операцийы ветеранты ассоциацийы регионалон командæимæ байгом кодта Адаптивон спорты скъола.
— Проект ныффыссыны хъуыды мæм фæзынд Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты кубокы куы архайдтон, уæд. Уыд Калугæйы. Бынаты ме ‘мбалимæ федтам рæсугъд фæзуæттæ. Адæмæн дзы уыд кæрæдзиимæ аныхас кæныны, фæлтæрддзинад райсыны æмæ алыхуызон спорты хуызтæ афæлварыны фадæттæ. Регионмæ æрыздæхгæйæ, райдыдтам тренировкæты процессыл кусын, хъуыддагмæ фæсивæды æргом здахын. Архайдтам Президенты æмæ Росмолодежы фонды грантты, форумты. Æмæ нæм дарддæр форум “Территория смыслов”-ы грантæй фæкастысты. Ссардтам тренерты. Регионалон субсидийæ сын бафыстам. Афтæмæй, дыууæ гранты фæрцы системон æххуыс, тренировкæ æмæ алыхуызон мадзæлтты архайд нæ къухы бафтыд.
Нæмыг æмæ фат æхсын, волейбол, стъолыл теннис, армрестлинг, пауэрлифтинг, уыдонæй уæлдай та скъолайы архайджытæ фæсивæдмæ лæгдзинады уроктæм æрбацæуынц, вæййынц госпитальты дæр. Проекты нысан — хæстон цауты ветерантæм спорты рæзты фæкæсын æмæ сын куыст ссарын баххуыс кæнын. Куыд ис ацы хъуыддаг хуыздæр сæххæст кæнæн, ууыл ныхас цыд фембæлд “Возможности для СВОих”-ы. Æрбамбырд æм сты паддзахадон корпораци ВЭБ.РФ-ы æмæ республикæйы æххæстгæнæг оргæнты минæвæрттæ, спортивон æхсæнад æмæ ветерантæ.
Абон нæм цы уазæг æрбацыд, уый йæхæдæг уды фидардзинады дæнцæг у. Йæ къухтæ не ‘руагъта уæззау цæфы фæстæ. Протез ын сæвæрдтой æмæ йæм уыйбæрц тых разынд æмæ суанг йæ алыварс чи ис, уыдоны дæр разæнгард кæны. Абон бæлвырд дæнцæгы æххуысæй федтам, куыд ис æххуысы инструменттæй пайда кæнæн, куыд хъæуы курдиат раст ныффыссын Президенты грантты фондмæ,куыд ис уæлæмхасæн фæрæзтæ ВЭБ.РФ-æй райсæн.
Сергей Меняйлойы хъæппæрисæй Цæгат Ирыстоны кусынц ампутантты футболы рæзтыл. Зындгонд командæ “Ирыстон” сæндидзын кодтой 2022-æм азы. Райдыдтой йæм цæуын хæстонтæ дæр. Уым сын хорз гæнæнтæ ис спортæй архайынмæ.
Фæсивæд æй фенынц, махæн дæр кæй ис æппæт фадæттæ. Ерыстæм дæр ацæуæм. Нæ цард иннæты цардæй ницæмæй хицæн кæны. Ницы арæнæвæрдтæ нын ис. Кæсæм лæппутæм. Зæгъгæ, цæттæ у ерысты архайынмæ, уæд æй немæ акæнæм. Сæрмагонд æфсæддон операцийы ветеранæн фæзыны фæзминаг дæнцæгтæ.
Паддзахадон корпораци ВЭБ.РФ Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты фондимæ иумæ кусы сæрмагонд операцийы ветерантæн æххуысы программæтæ аразыныл, чи фæмард, уыцы æфсæддонты бинонтæм фæкæсыныл.















